Ильхам Алиев – Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн дыууæфарсон ахастытæ гæнæн ис æмæ уой дæнцæгæн нæ сыхаг паддзахадтæн, уымæн æмæ уыдон бындуриуæг кæнынц кад æмæ æууæнкдзинадыл
Ильхам Алиев – Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн дыууæфарсон ахастытæ гæнæн ис æмæ уой дæнцæгæн нæ сыхаг паддзахадтæн, уымæн æмæ уыдон бындуриуæг кæнынц кад æмæ æууæнкдзинадыл

Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн дыууæфарсон ахастытæ гæнæн ис æмæ уой цæвиттон нæ сыхаг паддзахадтæн се ‘ппæтæн дæр, уымæн æмæ кæрæдзийæн кад кæнын æмæ æууæнк кæныныл бындуриуæг кæнынц, – загъта Азербайджаны республикæйы президент Ильхам Алиев Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæ уагъд брифингыл.

Ильхам Алиев куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстон у фыццаг бæстæ æхсæнадæмон экспортон фæндагыл, кæцыйы фæрцы Азербайджан æппæтдунеон базарадмæ энерги ласы.

«Энергетикæмæ та цы хауы, бирæ азты дæргъы Азербайджан уыд энергетикон æдасдзинады æууæнкджын фарсхæцæг. Абон нæ æрдзон газ экспорт цæуы 16 бæстæмæ, фæлæ экспорт райдайы Гуырдзыстонæй æмæ йæ фæрцы. Гуырдзыстон у фыццаг бæстæ ацы фæндагыл, кæцыйы Азербайджан æхсæнадæмон базармæ энерги ласы, æмæ æппæт уыдæттæ æрцæуы Гуырдзыстоны уылты. Афтæ дæр нефты æмæ æрдзон газы ресурстæ Гуырдзыстоны Капийæй, Себайæ, Вейджанæй бацæуынц. фæныхас кодта уæвæг инфраструктурæйы фæдыл. Фæстаг 2 дæс азы мидæг, Баку-Тбилис-Цейханы хæтæл æмæ Хуссар Газы къæлидор æнтыстджынæй кусынц Ацы инфраструктурæ тынг нысаниуæгджын у бирæ бæстæтæн. Астæуккаг къæлидор Гуырдзыстоны уылты ахиздзæн, ацы артеритæ. фидар кæнын æмæ рæзын кæнын, кæцыйæ мах æвæрæм стыр ныфс. Ильхам Алиев.