Ильхам Алиев - Гуырдзыстоны уылты нæ æрдзон газ ласт цæуы 16 бæстæмæ, Гуырдзыстон у фыццаг бæстæ, кæцыйы фæрцы экспорт кæнæм æппæтдунеон базармæ
Ильхам Алиев - Гуырдзыстоны уылты нæ æрдзон газ ласт цæуы 16 бæстæмæ, Гуырдзыстон у фыццаг бæстæ, кæцыйы фæрцы экспорт кæнæм æппæтдунеон базармæ

 

Бирæ азты дæргъы Азербайджан у бирæ бæстæты æмæ нациты æууæнкджын æххуысгæнæг сæ энергетикон æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы. Абон Азербайджаны æрдзон газ 16 бæстæмæ ласт цæуы, æмæ ацы экспорт Гуырдзыстонæй райдайы – уый фæдыл Азербайджаны президент Ильхам Алиев Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ иумæйаг фидиуæны банысан кодта.

Уымæй дарддæр ма, Алиевы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон у фыццаг бæстæ ацы фæндагыл, кæцыйы фæрцы Азербайджан æхсæнадæмон базарадмæ ласы энергийы ресурстæ.

«Абон мах ныхас кодтам ног гæнæнтыл æмæ ног инвестицион проекттыл, куыд Азербайджаны, афтæ дæр Гуырдзыстоны æрдæм. Чи зоны, æркæсдзыстæм æртыккаг бæстæты æмрæстæгон инвестицитæм. Ныхас кодтам уый фæдыл – масштаб, регионалон æдасдзинад æмæ уæвæг уавæр. Абоны фембæлд дæр æнæуый нæ уыд. Афтæ дæр æрдзырдтам Хуссар Кавказы бæстæты арæзт ног реалондзинадыл. хъуамæ баззайа здæхт сабырад, стабилондзинад æмæ æдасдзинадмæ, уымæн æмæ ацы принциптæ хæлд цæуынц дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты, нæ регионы уый хъуамæ баззайа æнæфæцудгæйæ Хъуамæ ма уа зиæнттæ æмæ ахæм цаутæ ма хъуамæ æндавой нæ регионыл.

Бирæ азты дæргъы Азербайджан у бирæ бæстæты æмæ нациты æууæнкджын æххуысгæнæг энергетикон æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы. Абон Азербайджаны æрдзон газ 16 бæстæмæ ласт цæуы, æмæ уыцы экспорт Гуырдзыстонæй райдайы, Гуырдзыстоны уылты. Гуырдзыстон у фыццаг бæстæ ацы фæндагыл, кæцыйы фæрцы Азербайджан æхсæнадæмон базармæ энергийы ресурстæ ласы. Æппæт уыдæттæ цæуынц Гуырдзыстоны уылты. Афтæ дæр нефты æмæ æрдзон газы ресурстæ Гуырдзыстонмæ Азербайджанæй Каспийы денджызы уылты бацæуынц. Ныхас кодтам уæвæг инфраструктурæйыл. Фæстаг дыууын азы дæргъы æнтыстджынæй кусы Баку-Тбилис-Цейханы хæтæл, хорз кусы Хуссар газы къæлидор дæр. Ацы инфраструктурæ бирæ бæстæтæн ис стыр нысаниуæг. Афтæ дæр сарæзтам транспортон къæлидортæ æмæ сарæзтам, фæуæрæхдæр кодтам, астæуккаг къæлидор Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны уылты цæудзæн. Махæн уый у сæйрагдæр æмæ пайдаджындæр артеритæй иу, кæцыйыл стыр ныфс æвæрæм, цæмæй фидардæр æмæ рæздзæн.

Иннæ уавæр у нæ дывæрсыг ахастытæ, кæцытæн сæ бон у дæнцæг суæвын нæ сыхаг паддзахадтæн се ‘ппæтæн дæр, уымæн æмæ алцыдæр арæзт цæуы кæрæдзийæн аргъ кæныны æмæ кæрæдзийыл æууæнкдзинады бындурыл. Мах тыхсæм иумæйаг интерестыл, хæлардзинадыл, æмæ уый та у хæларзæрдæ, æфсымæрон ахастдзинæдтæ. Уырны мæ, кæддæриддæр кæй цæудзыстæм ацы æнтыстджын фæндагыл. Фæнды мæ раарфæ кæнон æфсымæрон гуырдзиаг нацийæн сабырад, стабилондзинад, дидинæфтыд», -расидтис Ильхам Алиев.

Æрмæг цæттæ цæуы синхронон тæлмацмæ гæсгæ.