Ильхам Алиев не сразы Хæдбар Паддзахадты Æмхæдисады лидерты саммитмæ бацæуыныл
Ильхам Алиев не сразы Хæдбар Паддзахадты Æмхæдисады лидерты саммитмæ бацæуыныл

Азербайджаны президент хæдбар бæстæты æмхæларады лидерты саммитмæ нæ сразы ис. Азербайджайнаг медийы информацийæ, азербайджаны лидер Санкт-Петербургы нысангонд фембæлдмæ нæ ацæудзæн йæ «куысты æнæвдæлон графикы» тыххæй.

Кремль раздæр загъта, зæгъгæ, æнхъæлмæ кæсынц Алиевы æрцыдмæ Санкт-Петербургмæ, фæлæ Азербайджаны президенты уынаффæ куы рабæрæг, уæд Уæрæсейы президенты пресс-секретарь Дмитрий Пескова загъта: «Æцæгæйдæр, æппæт паддзахадты сæргълæуджытæн дæр ис тынг æнæвдæлон график, уæлдайдæр та декабры, Ног азы размæ».

Зæгъын хъæуы уый, æмæ уый размæ Ильхам Алиев дæр нæ архайдта Евразиаг экономикон цæдисы Уæлдæр Советы æмбырды, кæцы уагъд æрцыд Невайы горæты. Уымæн аххосаг Бакуйы рахастой, Азербайджан Евразиаг экономикон цæдисы уæлдæр советы уæнг кæй нæу, уый тыххæй.

Уæ информацийæн, Ильхам Алиев 9-10 октябры Душанбейы Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады уæнг бæстæты лидерты саммиты хайад иста.