Гуырдзыстоны парламенты этикæйы совет сырæздзæн
Гуырдзыстоны парламенты этикæйы совет сырæздзæн

Гуырдзыстоны  парламенты  этикæйы  совет  цæуы арызт.   Æмбæлон  уагæвæрды  проект бюройы  абоны рабадтмæ бавдыст уыдзæн, кæцыйы  автор  фылдæрты  уæнг Ирине  Пруидзе у.

Этикæйы советы  саразын йæ хъуыдыйы  дары   ног регламент. Уагæвæрды проектæй  бæрæг у, цæмæй  этикæйы   совет  16 уæнгæй хъуамæ скомплект уа.

«Парламенты уæнгы æрдгæй  этикæйы нормæты  хъаххъæд хорз  фæткдариуæгы  иуæй-иу ставддæр  компонент у  æмæ дзыллæйы раз депутатты бæрн сбæрзонддæр кæнын дары  йæ хъуыдйы.  Этикæйы кодекс  парламенты уæнгы  уагахсты бæрæг кæны йæ  статусæй рацæугæйæ,  кæцы  йæ  куысты,  коллегæтимæ,  æмкусджытимæ, медиимæ, æндæр  институттимæ æмæ  дзыллæимæ  ахастыты рæстæджы хъуамæ дарæт сæ хъуыдыйы», – банысангонд у  проекты   æмбарынгæнæн  фыстæджы.