Гуырдзыстоны  парламент  уалдзæгон сессийы  сом пленарон рабадтæй  бакæндзæн
Гуырдзыстоны парламент уалдзæгон сессийы сом пленарон рабадтæй бакæндзæн

Гуырдзыстоны  парламент закъондæттæн  куыст официалонæй   сом 4  февралы   сног кæндзæн.

Парламенты  регламентмæ гæсгæйæ,   уалдзæгон  сесси  февралы  фыццаг  дыццæджы   байгом  уыдзæн.

Уалдзæгон сессийы   фæлгæтты  депутатты  бахъæудзæн   цалдæр   кадрон   скуыддзаг  райсын,  кæцыты  æхсæн  ис  генералон   прокурроры  æмæ  Сæйраг Тæрхондоны  сæрдары  сывзæрст.

Уалдзæгон  сессийыл  закъондæтджытæ   цалдæр  афæдзон  хыгъдлæвæрд  æркæсдзысты,  сæ нымæцы    президенты,   премьер-министры,  адæмон хъахъхъæнæгы, аудиты  куысты  Национал Банкъы  æмæ  генералон   прокуратурæйы   хыгъдлæвæрдтæ.

Парламенты  регламентмæ гæсгæйæ,    уалдзæгон   сесси   июны   фæстаг майрæмбон  æрыхгæд вæййы.

Закъондæттæг   оргæн   фæззыгон  сессийы  фæлгæтты куыст, официалонæй фæцис,    ивгъуыд азы  20  декабры.