Гуырдзыстоны парламент, хицауады скондæн æмæ хицауадон программæйæн «Сæрибардзинады, цырд тынгад, æнæфыдбылыз» расидтис æууæнк.
Хицауадæн æууæнк расидынæн схъæлæс кодтой 99 депутат, æхсæз та йæ ныхмæ рацыд.
Гуырдзыстоны премьер-министрæй ссис Мамука Бахтадзе;
Экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министр – Гиорги Черкезишвили;
Фæсарæн хъуыддæгты министр – Давит Залкалиани;
Мидхъуыддæгты министр – Гиорги Гахариа;
Финансты министр – Николоз Гагуа;
Ахуырады æмæ зонады министр – Михеил Чхенкъели;
Куысты, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министр – Давит Сергеенко;
Оккупацигонд территоритæй тыхбын бынативгæ уæнгты, цæрæнуатты ахæлиуы æмæ лигъæтты миниср – Созар Субари;
Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр – Леван Давиташвили;
Регионалон тынгады æмæ инфраструктурæйы министр – Майя Цкитишвили;
Културæйы æмæ спорты министр – Михеил Гиоргадзе;
Хъахъхъæнынады министр – Леван Изориа;
Юстицийы министр – Тея Цъулукиани;
Æфхæрдæххæсткæнынады æмæ пробацийы министр – Каха Кахишвили;
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты паддзахадон министр – Кетеван Цихелашвили.
Афтæма, премьер-министр Мамука Бахтадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъæн ис æртæ куъыримæ æрцæттæ уыдзæн чысылнымæцон хицауады концепци. Структурон ивдтыты фæстиуæгæн, министрадты нымæц 14-æй фæкъаддæр уыдзæн 11-ы онг. Фæнысангонд ивындзинæдты фæстæ, парламенты ахъæудзæн хицауадæн æууæнк ногæй сбæлвырд кæнын. Ныридæгæн бæрæг у, цæмæй хицауажы сконды финансты, экономикæйы æмæ фæсарæн хъуыддæгты мнистртæ ивд æрцæудзысты.