Гуырдзыстоны «Омикроны» штамы  ноджы фондз ног  цау сбæрæг ис
Гуырдзыстоны «Омикроны» штамы ноджы фондз ног цау сбæрæг ис

Гуырдзыстоны «омикрон» штамæй  инфицирады ноджы  5  цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы   эфиры  райхъусын кодта  низты контролы националон   центры  къухдариуæггæнæг   Амиран Гамхърелидзе.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  фактонæй  «омикрон» бæстæйы  циркуляци кæнын райдыдта.

«Цъус  рæстæг размæ  ма  сбæрæг ис  ноджы  5   ног цау  «омикронæй» инфицирады, кæцыйы рабæрæг кодта  низты контролы  центры  Лугары  лаборатори.  Æмтгæй райсгæйæ   лабораторионæй  бæстæйы  сбæрæг ис  29  цау, фæлæ вæццæгæн  бирæ  фылдæр у, уымæн  æмæ   протоколмæ гæсгæйæ,  кæцы ис   алы лбаораторимæ,  нырма  30  ноябры у æрвыст цæмæй  кæм ис  гæнæн  зæрдæхсайд уа,  ацы  зæрдæхсайд   фæстаг бонты  ноджы  арæхдæр ссис.  Мæ  хъуыдыйы  дарын лабораториты  индикатортæ, кæцыты ис гæнæн æруадзын  цæмæй  уа «омикрон»,  стæй та йæ  рабæлвырд кæнын  цæуы  Лугары  центры.   Ацы цауты  50%-ы  сбæрæг ис, цæмæй   «омикроны»  штам ис.  Фактонæй  уый  бæстæйы циркуляци кæнын райдыдта» –   загхта Амиран Гамхърелидзе.

Уый ма  бафтыдта, ома бæстæйы  бæлвырд  «омикронæй» инфицирады алы  цауы дæр,   низ  цæуы рог формæты.