Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 514 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 711 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 514 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 2 711 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 514    ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 2 711   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 61  пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  46 059 адæймагæн, сæ  нымæцы –  26 700  антигены тестæй  æмæ   19 359  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 5,46%, фæстаг 14 боны –  5,65%, фæстаг  7 боны  – 5,09%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   930 544   цау, уыдонæй  890 733 сæнæниз сты, 13 707  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 495 435  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 11 720.

Карантины режимы сты 42 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 794, клиникон фысымуаты ис  858  уæнгы.

Знон, 28 декабры, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  2 676    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  2 966 пациент, 63 адæймаг та  амард.