Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 661 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 3 841 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 661 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 3 841 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 69 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 32 741 адæймагæн, сæ нымæцы – 18 421 антигены тестæй æмæ 14 320 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 5,07%, фæстаг 14 боны – 5,93%, фæстаг 7 боны – 5,21%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 924 368 цау, уыдонæй 881 863 сæнæниз сты, 13 512 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 463 409 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 6 969.
Карантины режимы сты 37 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 5 121, клиникон фысымуаты ис 920 уæнгы.
Знон, 25 декабры Гуырдзыстоны корорнавирусæй инфицирады 2 090 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 1 768 пациент, 76 адæймаг та амард.