Румынийы президент - Румыни фидар йæ фарс хæцы Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны европаг интеграцийæн
Румыни хъæддых йæ фарс хæцы Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны европаг интеграцийæн – уый фæдыл Румынийы президерт, Клаус Йоханис Констанцайы Францы преиздент Эммануэл Марконимæ иуæмйаг пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
«Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл Украинайы, Молдовæйы Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны куырдиæтты тыххæй, бахахх кодта, цæмæй хъæддых йæ фарс хæцæм ацы паддзахадты Европаг итеграцийæн. Румынийы цæстæнгасæй, ацы æртæ аспирант хъуамæ райсой пайда оптималон структурæйæ реформæты сыххæсты процессæн æмæ иугонд ахастæн, сæ сгуыхтдзинады æмæ реформæты процессы сын цы прогресс ис уымæ æмбæлгæйæ», – райхъусын кодта Йоханис.
Клаус Йоханисы фидиуæнæй, румыни нымайы, цæмæй æртæ бæстæйæн уæнгдзинады кандидаты статус, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд хъуамæ раттой. Румынийы президент уыйы, фæткон, экономикон æмæ æдадсзинады цæстæнгасæй раст уынаффæйыл нымайы.
«Фарст бирæ хæттыты цыдис каст æмæ æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй ацы мæйы кæрон нын уыдзæн уынаффæ. Мæ бон у ныхас кæнын мæхи æмæ Румынийы номæй; мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, кандидаты статус лæвæрд хъуамæ уа, куыд гæнæн ис, афтæ тагъд», – райхъусын кодта Румынийы преиздент æмæ банысан кодта: «Бацархайдзыстæм, бацагурæм уынаффæ, кæцы уыдзæн æххæстгæнгæ æмæ æнæфæцудгæ».