Турк Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм æндæр æмæ æндæр  типы  техникæ радæтта
Турк Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм æндæр æмæ æндæр типы техникæ радæтта

Турчы Республикæйы  хицауад Гуырдзыстоны  хаъхъхъæнынады тыхтæн авиацийы  æмæ уæлдæфон  иргъæфы  фæрæзтæ  фæхуыздæр кæнынæн,  æндæр æмæ æндæр  типы  техникæ ратта. Информаци хъусын кæны  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрад.

Уагдоны информацийæ,   мадзалыл, авиацион  базæйыл уыдысты  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министры  хæдивæг  Григол Гиоргадзе, хъахъхъæнынады тыхты  сæрдары хæдивæг, броигадæйы инæлар  Ираклий Чъичъинадзе æмæ Гуырдзыстон Туры  минæвар  Али Каан Орбаи.

«Авиацийы æмæ уæлдæфон иргъæфы  срæдарадмæ  Туркаг фарсæй лæвæрд у  дыууæ иуæг спецтехникæ   æмæ  хæрдмæтæхæджы  хæйттæ. Фæстæдæр  техникæйы  алæвæрды   протокол дæр бафыстæуыд, кæцыйы къух бафыстой  авиацийы æмæ уæлдæфон иргъæфы  æрдар булкон  Серго Нинуа  æмæ Турчы Республикæйы  хъахъхъæнынады  атташе,  булкон Бурак Алтинер.  Техникæйы алæвæрд   Турчы Республикæимæ къухæвæрд  æфсæддон    финансон   æмгуыстады  бадзырды  фæлгæтты сыххæст ис.  Гуырдзыстон æмæ Турк  хъахъхъæнынады сферæйы  æндæр æмæ æндæр  æрдгæй  бирæ аз у  æнгом æмгуыст кæнынц» – банысангонд у  хъахъъхæнынады министрады информацийы.