Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 1 527 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 588 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1 527 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 588 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 46 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 21 264 адæймагæн, сæ нымæцы – 13 922 антигены тестæй æмæ 7 342 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7,18%, фæстаг 14 боны – 7,8%, фæстаг 7 боны – 7,45%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 890 813 цау, уыдонæй 837 263 сæнæниз сты, 12 777 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 311 840 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 2 500.
Карантины режимы сты 35 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 138, клиникон фысымуаты ис 1 183 уæнгы.