Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, 29-æм август улæфæн бонæй расидтæуыд
Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, 29-æм август улæфæн бонæй расидтæуыд

Гуырдзыстоны хицауады барамындæй, 29-æм август улæфæн бонæй расидтæуыд. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауад рапарахат кодта.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, уынаффæ, кæцыйыл премьер-министр Ираклий Къобахидзе бафысдзæн, нæ хауы финансон хæстæм, кæцытæ хъуамæ æххæст кæной Гуырдзыстоны националон банкъы цæстдардæй уæвæг уæнгтæ.

Уымæй уæлдай ма бардзырд нæ хаудзæн лæггæдтæм æмæ кусджытæм, кæцыты функцитæ æнæмæнгхъæуæг сты æххæст кæнын.