Сибига Андрей бузныг зæгъы Гуырдзыстоны хицауадæн, Дарьялы арæныл ахизæн пункты æрцахст украинаг æмбæстæгты æрыздæхты организаци кæй сарæзтой, уый тыххæй
Сибига Андрей бузныг зæгъы Гуырдзыстоны хицауадæн, Дарьялы арæныл ахизæн пункты æрцахст украинаг æмбæстæгты æрыздæхты организаци кæй сарæзтой, уый тыххæй

Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Андрий Сибига бузныг зæгъы Гуырдзыстоны хицауадæн, арæнгæрон уадзæн пункт Дариалы уæвæг украинаг æмбæстæгты æрыздæхты сорганизацийы тыххæй.

Сибига куыд банысан кодта, афтæмæй гуырдзиаг æмæ молдоваг фарсытæ баххуыс кодтой Украинæйæн транзитон фæндаг сорганизаци кæнынæн æмæ логистикон фарстытæ аскъуыддзаг кæнынæн.

«Украинæйы президент Владимир Зеленскийы хæслæвæрдмæ гæсгæ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæныл буферон зонæйæ Украинæмæ 65 украинаг æмбæстаджы æрыздæхт æрцыд. Се æхсæн 10 сты сылгоймæгтæ æмæ 8 та сты уæззау рынчынтæ. Се ‘ппæт дæр уыдысты Гуырдзыстоны уадзæн пункт «Дарьали»-йы гуманитарон уавæрты, кæцы Уæрæсейы æрдыгæй арæзт æрцыд гуманитарон кризис акцитæ украинаг дипломаттæ æмæ консултæ сарæзтой алы амæлттæ, цæмæй æмбæстæгтæ æрыздæхой æмæ арæныл сæ уæвынæн уавæртæ фæхуыздæр уой, сæрмагондæй, æппæтдунеон организациты бастдзинадæй», — дзырдæуы Сибигайы расидæны, кæцыйы уый социалон хызæгты апарахат кодта.

Сибигайы ныхæстæм гæсгæ, 21-22 августы Гуырдзыстонæй Украинæмæ æрыздæхджыты къорд Молдовайы территорийы уылты ласт æрцыд.

«Сæрмагонд бузныг зæгъæм Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы хицауады официалон минæвæрттæн транзитон фæндаг сорганизаци кæныны æмæ логистикон фарстытæ аскъуыддзаг кæныны æххуысы тыххæй», — ныффыста Сибига æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг мæйты дæргъы Украинæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ныридæгæн сорганизаци кодта æдæппæт 44 æмбæстаджы æрыздæхт.

Афтæмæй Дариалийы уадзæн пунктæй æрыздæхæг украинæгты иумæйаг нымæц 109-мæ ахæццæ ис.

«Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы Украинæйы минæварадтимæ, украинаг агентадтимæ æмæ гуырдзиаг æмæ молдоваг фарсытимæ æмгуыстадæй дарддæр кæны куыст баззайæг æмбæстæгты æрыздæхтыл, кæцытæ Украинæмæ æрыздæхыны фæндон æвдисынц», – банысан кодта Шибига.

Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министры ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны арæныл гуманитарон кризис июны дыккаг æмбисы райдыдта, уæд Уæрæсе æнæбары карзæй фæфылдæр кодта снысангонд уадзæн пунктыл депортиргонд украинаг æмбæстæгты нымæц. Украинаг фарс раздæр æрсидт Уæрæсемæ, цæмæй æмбæстæгты æрвитой комкоммæ Украинæйы арæнмæ, Гуырдзыстонмæ нæ.

«Ацы фæндон йæ тыхы ис. Кæд æмæ Уæрæсе адарддæр кæндзæн ницæмæ дарын, уæд иунæг хатдзæг уыдзæн уый, цæмæй депортацигондты нымæцы карз рæзт у Уæрæсейы плангонд операци Украинæйы ныхмæ. Уыимæ иумæ, Украинæ никуы ныууадзы йæ адæмы зын уавæры æмæ кæддæриддæр йæ æмбæстæгты бартæ æмæ легитимон интерестæ хъахъхъæнын приоритетæй ратдзæн», – фыссы Сибига.