Гуырдзыстоны хицауад Италиимæ тахтытæ æруромыны фарстайыл тæрхон кæны. Уый фæдыл журналисттæн, хицауады рабадты фæстæ, финансты министр Иванэ Мачъавариани фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фарста кастæуы фæлæ нырма скуыддзаг ист нæу зæгъгæ.
«Тахтытæ бауромыны фарста, практиконæй æрвылбойнонæй рабадтытыл кастæуы. Фæлæ скуыддзаг нырма ист нæу. Италийы ардæмад абаргæйæ бæрзондрискъджын у. Дзæбæх хъуамæ æмбарæм, цæмæй уый у рискъы фæкаддæр кæныны æрдæм къахдзæф, фæлæ реаллонæй, рискъытæ уæддæр уыдзæн. Гæнæн ис æндæр ардæмадæй æрбахизой бæстæмæ. Кæд уæ фæнды, цæмæй максималонæй хъахъхъæд уæм, уæд æххæстæй хъуамæ фæтобæ кæнæм тахтытæ, кæцы тынг зынаргъ сбаддзæн», – рахъусын кодта финансты министр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон йæ хъус дары европаг партнерты практикæмæ коронавирусы ахæлиуæй хиаиуварс кæныны фарстамæ гæсгæ.
«Хуыздæр нæм кæсы, индивидуалонæй сгарæм чи æрбацæуы уыдоны, фенæм, рискъытæ бахыгъд кæнæм, фæстæдæр мониторинг кæнæм æрцæуггаг адæймæгты, цæмæй тагъддæр бацагурæм, кæд симптом фæбæрæг уа уæд, цæйнæфæлтау сыстæм æмæ бирæ ардæмад æрыхгæнæм», – райхъусын кодта финансты министр.