Ахсджиаг у, цæмæй фæстаг иу мæйы дæргъы алы индикатор, кæцы бæстæйы уæвæг эпидемиологион уавæры фæдыл амоны, сындæггай хуыздæр кæны, – уый фæдыл низты контролы национ центры къухдариуæггæнæг, Амиран Гамхърелидзе, фехъусын кодта.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ уымæ нæкæсгæйæ, тынг архæсгæйæ хъуамæ уæм. Уый тыххæй дæр, Гамхърелидзе цæрджытæн æнæмæнгхъæугæ рекомендацитæ хъахъхъæнынмæ ноджы иу хатт æрсидтис.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй фæстаг иу мæйы дæргъы, бæстæйы уæвæг эпидемиологион уавæры фæдыл амонæг алы индикатор сындæггай хуыздæр кæны. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй нæхи æнцоймæ раттыны бар æмæ фадат нын уæддæр нæй. 829 ног фæрынчынуæвæг кæцы абон рабæрæг ис, нæ чысыл бæстæйæн тынг нысаниуæгджын у æмæ уыцы хуъыддагмæ нæ хъус хъуамæ æрдарæм, сæрмагондæй арæхсгæйæ хъуамæ уæм. Уый тыххæй, регуляцитæ æмæ рекомендацитæ лæмбынæг кæнын хъæуы», – загъта Амиран Гамхърелидзе.