Гуырдзыстоны, гриппы ныхмæ вакцинаци, ноябры фыццаг бонтæй райдайдзæн
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры генералон директоры Амиран Гамхърелидзейы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны гриппы ныхмæ вакцинаци, ноябры фыццаг бонтæй райдайдзæн.
Гамхърелидзе куыд банынсан кодта афтæмæй, вакцинæтæ рискъ къордтыл рагагъоммæ сты дих.
«Æнæфидгæ вакцинаци Гуырдзыстоны 29 ноябрæй райдайдзæн æмæ вакцинацийы процесс, рискъ-къордтæн ноябры фыццаг бонтæй райдайдзæн. Гуырдзыстон вакцинайы æрбаласæг компанитимæ ныридæгæн бафыста контракттæ, кæцыты фæлгæтты дæр 100 минæй фылдæр гриппы ныхмæ вакцинæйы дозæ æрбацæудзæн бæстæмæ. Уый тыххæй, цæмæй Дунейы æнæнизхъахъхъæды организаци æппæт дунейы вирусы прогноз раттын иу мæййæ байрæджы кодта, уый тыххæй дæр нæ бантыстис ныры онг йе æрбаласын», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.