Гуырдзыстоны æмæ Испанийы Паддзахады æхсæн къухæвæрд æрæцыд  хæдтулгæ скъæрыны националон æвдисæндæртты банымады æмæ баивды фæдыл бадзырд
Гуырдзыстоны æмæ Испанийы Паддзахады æхсæн къухæвæрд æрæцыд хæдтулгæ скъæрыны националон æвдисæндæртты банымады æмæ баивды фæдыл бадзырд

 

Мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури  Испайнаг коллегæимæ  Фернандо Гранде-Марласка  Гомесимæ иумæ,  Гуырдзыстоны хицауады æмæ Испанийы   падзахады   хицауады  æхцæн  националон   хæдтулгæ тæрыны  æвдисæндæртты  дыууæфарсонæй  банымады æмæ  баивды фæдыл   бадзырдыл бьфыстой къух. Информаци публикаци кæны мидхъуыддæгты министрад.

Уагдоны хъусинагæй,  Вахтанг Гомелаури  делегациимæ иумæ  официалон  кусæн визитæй  ис  Испанийы.

«Испанийы  падзахады  мидхъуыддæгты министрæн сфысым кодта  испайнаг коллегæ Фернандо Гранде-Марласка  Гомес. Фембæлдыл фарсытæ   барадхъахъъхæнæн сферæйы  уæвæг  æмгуыстады нысаниуæгыл æмæ фидæны плантыл фæныхас кодтой.

Вахтанг Гомелаури  Гранде-Марласка  Гомесæн рарфæ кодта   Гуырдзыстоны æмæ Испанийы  Падзахады  барадхъаъхъæнæг оргæнты æхсæн уææг  æмгуыстад фæарфдæры хъуыддагмæ хайбавæрды  тыххæй æмæ ныфс равдыста, цæмæй фарсытæ фидæны дæр активонæй  адарддæр кæндзысты кусын, цæмæй уæвæг партнерон ахастытæ  ноджы  ауæрæхдæр уа æндæр æмæ æндæр  æрдæм.

Бадзырды   йæ тыхмæ бахизыны фæстæ, фарсыты  лæвæрд  архайæг   хæдтулгæ  скъæрыны æвисæндæртты хицæуттæн нал уыдзысты тыхыбын,  теорион кæнæ практикон  фæлварæн раттын, æмæ сæ бон уыдзæн    æмбар æвдисæндар райсын  уыцы  паддзахады, кæцы у  сæ закъонон  цæрæн ран.

Бадзырдæй  бæрæг  у  скъæрыны æвдисæндары  категоритæ æмæ класстæ, кæцытæ  бадзырд йæ тыхмæ бахизыны  фæстæ  баивды дæлбар уыдзысты, сæрмагондæй  та : АМ, А1, А2, А, В, В+Е ,  скъæрыны  æвдисæндæртты  баивд  теорион кæнæ практикон  фæлварæнæй  цух  уыдзæн гæнæн, æрмæст С1, С1+Е, С, С+Е, D1,D1+E, D æмæ D+E æвдисæндæртты баивынæн,  куыриат дæттæг тыхыбын уыдзæн   скъæрыны фæлварæн раттын  хуымæтæг змæлдæн гом  фæндæгтыл, уыцы  транспортон фæрæзы кæнæ  уæзласæнтæ  скъæргæйæ, кæцыты   скъæрыны  барлæвæрд уыдзæн  фæнысангонд  æвдисæндæрттæй.

Гуырдзыстоны æмæ Испанийы Паддзахады  æхсæн,  хæдтулгæ скъæрыны националон æвдисæндары  дыууæфарсонæй банымады  æмæ баивды  фæдыл  бадзырд æмæблгæ  барадон процедурæты фæуды фæстæ, æввас периоды  бахиздзæн йæ тыхмæ» – банысангонд у МХМ-ы  информацийы.