Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон, Турчы  зæххæнкуысты тыххæй, минæварады æмæ генералон консуладты  тæвд хаххыты  номыртæ   публикаци кæны
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон, Турчы зæххæнкуысты тыххæй, минæварады æмæ генералон консуладты тæвд хаххыты номыртæ публикаци кæны

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Турчы  зæххæнкъуысты тыххæй,  бæстæйы минæварады æмæ  генералон консулады   тæвд хаххыты  номыртæ  публикаци кæны.

«Турчы Республикæйы   æрцæугæ   зæххæнкъуысты  тыххæй,  Турчы  Гуырдзыстоны  генералон   консуладты  Стамбул æмæ  Трабзоны   скуыста  тæвд хахх.

Турчы уæвæг гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   бахъуаджы цауы,  уыдзæн фадат, адзурын:  Гуырдзыстоны минæварадмæ  Анкарайы +905336903040; +905392208280; генералон  консуладмæ Стамбулы +905418184400; генералон консуладмæ  Трабзоны +905413262226.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрад æмæ Гуырдзыстоны дипломатон   минæварадтæ  ноджы иу хатт  тæфæрфæс  кæнынц  Турчы хицауадæн æмæ туркаг адæмæн  æрцæугæйы  фæдыл» –   банысангонд у  æддагполитикон уагдоны информацийы.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй, Турчы  фидар зæххæнкъуысты фæстиуæгæн  284 аæдймагы амард, æрмæст 2323  та фæцæф ис. Стихий  бæстæйы хусар-хурыскæсæны  уæвæг    дæсæй фылдæр   горæт базиан кодта. Бынатыл мобилизацигонд сты  ирвæзынгæнджытæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ  æфсад.