Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон – Польшæйы минæвары хæстæ æххæстгæнæгимæ  фембæлдыл бахахх ис, цæмйæ польшайаг   дохтыры архайды тыххæй сырæзт æнæмбарындзинад æмæ æрцæугæ, æнæхъæн процессыл æууæнк агайæг ссис
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон – Польшæйы минæвары хæстæ æххæстгæнæгимæ фембæлдыл бахахх ис, цæмйæ польшайаг дохтыры архайды тыххæй сырæзт æнæмбарындзинад æмæ æрцæугæ, æнæхъæн процессыл æууæнк агайæг ссис

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  министр Илиа  Дарчиашвили æмæ Гуырдзыстоны  Полбьшæйы минæвары  хæстæ æххæстгæнæджы  Мариуш  Пьетр Жакы   фембæлд ацыд.

Æддагполитикон уагдоны  хъусинагæй, фембæлдыл гуырдзиаг фарс  сфиксир кодта мæстыдзинад   польшайаг дохтыры инциденты тыххæй, кæцыйы рæстæджы иуæй-иу дохтыр  бацархайдта, ахæст Михеил Саакашвилийы  медицинон анализæн хуызæг,  процедурæйæ халгæйæ  рахæссын клиникæйæ.

«Польшайаг дипломатæн  ноджы  иу хатт райхæлдтам, цæмæй  паддзахад инересджын у, æхсæнадмæ  уа   æххæст информаци  Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады  уавæры  фæдыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр,  æнæиу хатт   равдыстæуыд цæттæдзинад  бинонты  фæндоны  цауы, клиникæмæ  фæсарæйнаг дохтырты  бьауадзыны   фæдыл, цæй  бæлвырдгæнæг у  польшайаг дохтырты  визит ахæст Саакашвилимæ бинонты куырдиатæй  æмæ Польшæйы  минæварады фарсхæцынæй, нæкæсгæ уымæ, цæмæй Страсбургы  адæймаджы барты  тæрхондоны  уынаффæйæ ахæст Саакашвилийæн  нæзагъд ракодтой Польшæмæ  хоскæнынмæ  аласыныл.

Фембæлдыл  гуырдзиаг фарс бахахх кодта, цæмæй польшайаг дохтырты  миссимæ бацæуæг  иуæй-иу дохтыры архайд расайдта  æнæмбарындзинад  æмæ афтæдæр  агайы æнæхъæнæй  процессы  æууæнк.

Фæсарæн хъуыддæгты министрады  польшайаг дипломатмæ лæвæрд уыд  куырдиат æрцæугæйы фæдыл позици сфиксир кæныны тыххæй.  Фембæлдыл польшайаг дипломат банысан кодта, цæмæй  уый нæу информиргонд, цы расайдта   польшайаг дохтыры  ахæм архайд», –  банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.