Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон - Æвзæрстытæм цæстдарæг миссийы фæхоныны æмгъуыдтæ фыст сты планы, хъыгаг у, цæмæй хицæн политикон тыхтæ аразгæйæ политизаци кæнынц ацы фарстайы
2024 азы парламентон æвзæрстытæм дæргъвæтин цæстдарæгон миссийы æрбахоныны æмгъуыдтæ фыст сты планы, кæцы Евроинтеграцийы хицауадон комиссийы æрдгæй нырма ивгъуыд азы 27 ноябры сфидар ис æмæ кæцы æргом æмæ рæувадат у Гуырдзыстоны хицауады веб-фарсыл, – уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд у банысангонд афтæмæй, планы, кæцы ифтонг кæны Еврокомиссийы 2023 азы ауæрæхы политикæйы фæдыл хыгъдлæвæрды Гуырдзыстонæн бæрæг рекомендациты сыххæст, деталонæй ис фыст уыцы архæйдтытæ æмæ æмгъуыдтæ, кæцыты хицауад ауадздзæн бæстæйы, сæрибар, рæстаг æмæ конкурентхъом æвзарæнон процесс сифтонг кæнынæн.
«Хъыгаг у, цæмæй хицæн политикон тыхтæ ацыхатт дæр аразгæйæ политизаци кæнынц ацы фарста æмæ рæдыды æфтауынц дзыллæйы», – банысангонд у æддагполитикон уагдоны информацийы.