Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон – солидарон стæм нæ сомихаг хæлæрттимæ ацы уæззау афон, тæфæрфæс кæнæм трагедийы амæттæгты бинонтæн æмæ хæлæрттæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Сомихыстоны æрцæугæ стынды тыххæй мæсæллытæ кæны.
Æддаг хъуыддæгты уагдоны фыстæджы куыд дзырдæуы афтæмæй, официалон Тбилис трагедийы амæттæгты бинонтæн æмæ хæлæрттæн тæфæрфæс кæны.
«Информаци Сомихыстоны , Ереваны æрцæугæ фидар стынды фæдыл нæ шокы баппæрста. Тæфæрфæс кæнæм трагедийы амæттæгты бинонтæн æмæ хæлæрттæн. Алы цæфæн нæ зæрдæ зæгъы тагъд куыд сдзæбæх уой уыцы фæндтæ. Солидарондзинад сидæм нæ сомихаг хæлæрттæн ацы уæззау рæстæджы», – дзырдæуы æддагполитикон уагдоны фыстæджы.
Ереваны базарадон центры стынд 14 августы æрцыд. Амрад 5 æмбæстаг, цæф сты 61.
News about a massive explosion in #Yerevan, Armenia is shocking. Our condolences to the families & friends of the victims of the tragedy. We wish swift & speedy recovery to all those injured & stand in solidarity with our Armenian friends in this difficult time! @MFAofArmenia
— MFA of Georgia (@MFAgovge) August 14, 2022