Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон – Украинайы минæварады бæрнон уæнгимæ  разагъдæуыд   сагъæстæ, «Джорджиан Эарвейсы» санкциты номхыгъдмæ бахæссыны тыххæй,  кæцы гуырдзиаг фарсы аргълæвæрдæй æнæбындур у
Гуырдзыстоны æддагполитикон уагдон – Украинайы минæварады бæрнон уæнгимæ разагъдæуыд сагъæстæ, «Джорджиан Эарвейсы» санкциты номхыгъдмæ бахæссыны тыххæй, кæцы гуырдзиаг фарсы аргълæвæрдæй æнæбындур у

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  Гуырдзыстоны  Украинайы минæварады бæрнонимæ  фембæлд  ацыд.

Гуырдзстоны æддагполитикон уагдоны информацийæ, фембæлды  нысан уыд Украинайы  хицауады æрдгæй  авиакомпани «Джорджиан Эарвейсы» санкциты  номхыгъдмæ бахæссыны фарста.

«Фембæлдыл разагъдæуыд   сагъæс   фæнысангонд уынаффæйы тыххæй,  кæцы, гуырдзиаг фарсы   аргълæвæрдæй,  æнæбуындур у.  Украинаг фарсæй ракуырдтам   æмбарынгæнæнтæ  фæнысангонд фæдыл.

Гуырдзиаг авиакомпанийы  санкциты номхыгъдмæ бахæссыны тыххæй  сагъæс сфиксир кордта Украинайы  Гуырдзыстоны минæвар дæр» –  банысангонд у  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрады  информацийы.

Украинайы  президент  Володимир Зеленски  190  гоймагæн æмæ   290  компанийæн  санкцитæ  фыццаг июлы  сфидар кодта, сæ нымæцы  сты  «Джорджиан Эарвейс» æмæ  Тамаз Гаиашвили.