Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон  фæсарæнты цæрæг  консулон хыгъды  регистрацигонд  æмбæстонты нымæцы фæдыл   фидиуæн  публикаци кæны
Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдон фæсарæнты цæрæг консулон хыгъды регистрацигонд æмбæстонты нымæцы фæдыл фидиуæн публикаци кæны

Гуырдзыстоны æсарæн хъуыддæгты министрад  фæсарæнты цæрæг,  консулон  хыгъды  регистрацигонд  æмбæстонты  нымæцы  фæдыл   фидиуæн  публикаци кæны.

«Фæнды  нæ  сдзуапп кæнæм ахæлиугонд информацийæн фæсарæнты цæрæг   консулон хыгъды  регистрацигонд    æмбæстонты  нымæцы  фæдыл. Хъыгагæн   хицæн   уæнгтæ   манипуляци   кæнын   фæсарæн хъуыддæгты министрады  электронон   консулон портал «geoconsul.gov.ge»-ыл  публикацигонд   статистикæйæ æмæ хъусын кæнынц, цæмæй  цæвиттон æрбаввахсгонд  парламентон æвзæрстытæм  регистраци 128 000  адæймаг   ацыд,  ацы рæстæджы та фæсарæн хъуыддæгты минитсрад  Централон æвзæрстгæнæг комиссийæн  65 000  æвзæрстгæнæгы  бæрæггæнæнтæ  адæтта.

Консулон лæггады  веб-фарсыл   публикацигонд  бæрæггæнæнты  тыххæй  æмбарын кæнæм: фæнысангонд веб-фарсы  скуыста  2015 азы.  Уы й адыл   статистикон   бæрæггæнæн   æвдисы   уыцы  уæнгты   нымæц,  чидæриддæр 2015 азæй   спайда кодта  ацы  веб-фарсæй, уы йынмæцы  йæхи сфиксир кодта  консулон  хыгъды.

Афтæма хъуамæ банысанæуа, цæмæй   консулон  хыгъдыл  слæууыны  бар  ис æнæрмæтс Гуырдзыстоны ххæстаздзыд  æмбæстæгтæн, фæлæ ма Гуырдзыстоны  æнахъом  æмбæстæгтæн, Гуырдзыстоны æмбæстагад кæмæн  нæй   ахæм статус дарæг уæнгтæн æмæ нейтралон   бæлццонон  документы  хицау   уæнгтæн дæр, кæцытæ нæ  хауынц  æвзарæнон  бар  кæмæ  ис  уыцы æмбæстæгты  категоримæ. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, веб-фарсы   статистикон    бæрæггæнæны  (128 000 гоймаг)   ис  алы ацы категорийы   адæймаг  2015 азæй.

Уымæ  æмбæлгæйæ дæр, веб-фарсыл  лæвæрд бæрæггæнæн  æвдисы  уыцы  уæнгты нымæц,  чидæриддæр  æмтгæй  зæгъгæйæ  спайда кодтой   консулон   хыгъды регистрацийы  электронон  системæйæ æмæ нæу   ацытæккæ  хыгъды уæвæг  адæймæгты  статистикæ.

Хъыгаг у, цæмæй Æвзарæнон  процедурæты æмæ фæткæвæрды  фæдыл  цæрджыты  объективон  информир кæныны бæсты, хицæн  уæнгтæ   дарддæр кæнынц  ацы  темæйæ  манипуляци кæнын æмæ  рæдыды  æфтауынц  нæ  æмбæстонты, цæй  тыххæй дæр фæсарæн хъуыддæгты  министрад  уæлæмхас фидиуæн  сараздзæн» – банысангонд у  фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.