Гуырдзыстоны 8-9 апрелы æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, дымгæйы фæтыхджындæр кæнын, денджызы 3-4 баллы йас шторм
Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци Гуырдзыстоны алфæмблайы националон агентад парахат кæны.
Синоптикты информацийæ, 8-æм апрелы ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у æнæнхъæлæджы къæвдатæ, 9-æм апрелы та бæстæйы фылдæр хайы, иуæй-иу рæтты уæззау. Гæнæн ис арвнæрд, дымгæ фæтыхджындæр кæна, денджызы 3-4 баллы шторм, бæрзонд хæххон бынæтты та ис зæйы тæссагдзинад.
«Скæсæн Гуырдзыстоны, се æхсæн сæйраг сахары дæр тыхджын ныгуылæйнаг дымгæ цæуы. Æнхъæлмæкæсинаг къæвдатæ гæнæн ис æмæ расайой цæугæдæтты доны æмвæзады нысаниуæгджын рæзт, æмæ хохаг æмæ хæххон бынæтты сыджыт-лæсæнон процессты инициаци æмæ активаци (тæссагдзинады æмвæзады астæуккаг)» – ис фыст информацийы.