Гуриайы регионмæ 140 тоннæйы хæлцады арвыстой
Гуриайы регионмæ 140 тоннæйы хæлцады арвыстой

Гуриайы районы, тыхджын митуардæй зианбаййафæг цæрджытæн баххуыс кæнынæн æрвыст æрцыд 140 тоннæ хæлцадон æмæ æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ.

Информаци алфæмблайы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад парахат кæны.

Премьер-министры сæргълæудæй координацион штабы райсгæ уынаффæмæ гæсгæ, алфæмблайы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æрдыгæй æрвыст продукттæ Гуриайы регионы æртæ муниципалитетыл дæр байуардзысты æмæ цæрджытæм лæвæрд æрцæудзысты.