Алфæмблайы хъахъхъæнынады æмæ хъæууон хæдзарады министрад фæкарздæр кодта контроль днхæрисы лыг кæныныл
Алфæмблайы хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрад «Зазхæссæны» бæрæгбонмæ гæсгæ карздæр кæны контрол бæлæстæ калыны фæдыл.
Министрады пресс-куысты куыд зæгъынц, афтæмæй донхæрисы бæласы къалиутæ акалын, сæ бындзæфхад кæнын кæнæ сæ бахъыгдарын у æфхæрæн хъуыддаг. Санкцийы суммæ фæфылдæр ис æмæ 500-йæ 2000 ларийы онг ивар æвдисы. Кæд æмæ алфæмблайы зиан 1000 ларийæ фылдæр у, уæд хъуыддаг нымад цæуы уголовоныл.
Фæстаг цалдæр азы дæргъы бæлæсты лыг кæнын у сæрмагонд проблемæ бæстæйы. Патогенон кæрдæгæй уæлдай ма, æрдзон равзæрдæй Колхаг донхæрисы хъæдтæн серьезон тас у æрбабырсæг зианхæссæг – донхæрисы мæлдзыг.
Хъæды хæдзарады националон агентад 2016 азæй фæстæмæ æххæст кæны вазыгджын мадзæлттæ зианбаййафæг колхаг донхæрисы хъахъхъæд хъæды зонæйы, кæцытæ, зианхæссæг сасчкы æмæ низты ныхмæ тох кæнынæй уæлдай ма, æххæст кæнынц хуызты хъахъхъæныны мадзæлттæ дæр. Ахсджиаг уый у, æмæ азты дæргъы цы мадзæлттæ æххæстгонд цæуы, уыдоны фæстиуæгæн зианхæссæг кæрдæджыты нымæц карзæй кæй фæкъаддæр.