Германийы «Исламы паддзахады» цыппар уæнгы æрцахстой. Немыцаг медийы хъусинагæй, цыппар гуырысхогонды цæгат Рейн-Вестфаллийы спецназ цалдæр сахары, сæ нымæцы Дортмунд æмæ Ботропы æрцахста. Уыдоны азымджын кæнынц, æхсæнадæмон террористон организацийы уæнгдзинады, афтæдæр марындзинады, æхсæнгарзы æнæзакъонон хæссын æм терактты организацидзинады хайады.
Ахæстты кар 26-æй 29 азы онг у. Барадхъахъхъæнджытæ зылынмæ лæвæрдты хæдзæртты баджигул кодой.
Фæдæвзарæны хъусинагæй, зылынмæ лæвæрд уæнгтæ, 2013-2015 азы онг периоды Иракъы уыдысты æмæ æндр æмæ æндæр типы фыдракæнд сæххæст кодтой.
Сæ иу у Мохаммед Рафеа Ясин, уыйы азымджын кæнынц, 2006-2008 азты америкаг æфсдддæтты ныхмæ терактты организацидзинад, афтæдæр сылгоймæгты æмæ сывæллæтты массон марындзинады хайады.