«Гардиан» - ныгуылæн цæттæ кæны, цæмæй Украинайы контрбырсæнцыды дзуаппæн Владимир Путин Украинайы спайда кæндзæн кæцыфæнды инструментæй, уый нымæцы атомон тас æмæ кибербырстытæй
Ныгуылæн цæттæ кæны, цæмæй Украинайы контрбырсæнцыды дзуаппæн Владимир Путин Украинайы кæцыфæнды инструменттæй спайда кæндзæн, уый нымæцы атомон тасы æмæ кибербырстытæ», – уый фæдыл информацийы «Гардиан» хъусын кæны.
Рауагъдады хъусинагæй, Британийы официалон уæнгтæ, Японийы «Стыр Авды» фæсарæн хъуыддæгты министрты саммитыл райхъусын кодтой, цæмæй Уæрæсейы дзуаппæн реакцимæ æнхъæлмæ кæсынц æмæ партнертæ «Цæттæ хъуамæ уой» экстремалон тактикæмæ.
Уæрæсейы раздæры президент Дмитрий Медведев ивгъуыд мæйы райхъусын кодта, цæмæй Мæскуы цæттæ у Украинайыл дзуаппон хафтытæм æмæ Уæрæсе спайда кæндзæн «абсолютонæй кæцыфæнды хæцæнгарзæй», кæд Киев бацархайдзæн Хъырымы æрыздахын.
«Уæрæсейы атомон риторикæ баиу кодта «Стыр Авды» министрты кæцытæ дыууæсахатон фембæлды фæстæ ахæлиу кодтой фидиуæн, кæцыйы мидæг бафаудтой æртхъирæн æмæ скритикæ кодтой Путины план Белорусмæ тактикон атомон хæцæнгарз арвитыны Фæдыл», – фыссы «Гардиан».