Фыццагон информацийæ, Италийы, туристты автобусы аварийы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ нæ фæцæф сты
Фыццагон информацийæ, Италийы, туристты автобусы аварийы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ нæ фæцæф сты.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн фæсарæн хъуыддæгты министрадæй куыд фехъусын кодтой афтæмæй, автобусы, кæцы Италийы фæндагæй ахаудта, уыдис Гуырдзыстоны аст æмбæстаг.
«Италиаг фарс сбæлвырд кодта, цæмæй Гуырдзыстоны аст æмбæстаг уыдис фæндагон-транспортон цауы рæстæджы Сиена-Флоренцийы фæндагыл змæлæг туристон автобусы. Фыццагон информацийæ, иунæг дæр нæ раста зиæнттæ» – хъусын кæнынц фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Италийы, автоубс кæцы туристты фæцæйласта, фæндагæй ахауд. Аварийы фæстиуæгæн æрбамард иу æмæ фæцæф сты иуыл цъус 15 адæймаг уæддæр.«ВВС»-ы информацийæ, автобусы бадтысты, уырыссаг æмæ Скæсæн Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæтæй Италимæ ныццæугæ туристтæ.Развæлгъау хъусинагæй, аварийы рæстæджы, автобусы æдæппæт уыд 60 бæлццон.