Францы  фæстаг 24  сахаты мидæг коронавирусæй  240 адæймаг æрбамард
Францы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй 240 адæймаг æрбамард

Францы  фæстаг 24  сахаты мидæг, коронавирусæй   240 адæймаг  æрбамард.   Уый фæдыл  информацийы  хъусын кæны  «Ройтер».

Æхсæнадæмон информацион  агентады хъусинагæй, европаг бæстæйы  вирусы  фæстиуæгæн фæмардуæвджыты  нымæц  1100-мæ  аххæссыд.

«Ройтеры»  информацийæ,   Франц.  Китайы, Италийы, иран æмæ  Испанийы фæстæ  фæндзæм бæстæ у, цы ран  коронавирусæй  фæмардуæвджыты  нымæц   иу  минæй   ахызт.

Ног типы коронавирусæй фæрынчынуæвджыты нымæц  22 300 ахæццæ ис, кæцы  уый нысан кæны, цæмæй   фæстаг æхсæв-боны мидæг   фæрынчынуæвджыты  нымæц  12  процентæй  райрæзтис.