Францы экономикæйы æмæ финансты министр – Бацæттæ кæнæм уырыссаг газы æххæстæй раиу кæнынмæ, абон уый сеппæтæй æнхъæлмæкæсинаг вариант у
Франц Уæрæсейы æрдгæй газ раиу кæнын сеппæтæй æнхъæлмæкæсинаг сценарийæ нымайы.
Медийы хъусинагæй, фæнысангонды фæдыл Францы экономикæйы æмæ финансты министр, Бруно Ле Мер райхъусын кодта.
«Нæхи бацæттæ кæнæм уырыссаг газы æххæстæй раиу кæнынмæ. Абон уый сеппæтæй æнхъæлмæкæсинаг вараиант у. Уый тыххæй хъæуы батагъддæр кæнæм энергетикон хæдбарад, батагъддæр кæнæм фæстауæрц баххæст, тагъд саразæм «LNG»-ы уадзæг завод ле Гавры æмæ нæхи тыхыбын бакæнæм, цæмæй ныууадзæн дыгай æмæ æртыгай азтæ хардз кæнын ууыл кæцыйы æндæр нацитæ æхсæз мæймæ иу саразынц», – райхъусын кодта Ле Мер.
Афтæма йæ дзырдæй, Францы хицауад кусы уыцы компанитæ сбæрæг кæнынæн, кæцытæ хъуамæ райсой хъахъхъæдады приоритетдзинад газифтонгады фæкуылымпыйы цауы.
Медийы хъусинагæй, Францы хицауад афтæдæр кæсы рæнхъ мадзæлттæ райст газифтонгады гæнæн фæкуылымпы алыгкæнынæн. Сæ нымæцы ис газыл кусæг электростанцæты реквизици. Фæнысангонды тыххæй, æмбæлгæ закъонопроектты кæсын Францы националон ассамблейы фидæн къуримæ у плангонд.