Францы ивгъуыд æхсæв  пъæлицæй 17 аздзыд æвзонгы куы амардта уый фæдыл  протестон  акцийыл, иууыл 719 адæймагы æрцахстой
Францы ивгъуыд æхсæв пъæлицæй 17 аздзыд æвзонгы куы амардта уый фæдыл протестон акцийыл, иууыл 719 адæймагы æрцахстой

Ивгъуыд æхсæв Францы пъæлицæй  17 аздзыд  æнахъомы   куы амардта,  уый фæстæ  уагъд протестон  акцийыл, иууыл цъус  719  адæймагы æрцахстой. Уый тыххæй  информаци  хъусын кæны Францы  мидхъуыддæгты министрад.

Афтæма сæ  хъусинагæй,   протестон   акциты  фæндзæм бон 600-ы онг хæдтулгæ  æмæ  75  бæстыхай   басыгъд.  Пъæлицæй  Марселы   центры акцийы  хайадисджыты ныссæндынæн  цæссыгуадзæн газæй  архайдта.  Марселы   мэр хицауадмæ сиды, горæтмæ   уæлæмхас æфсæддæ арвита  базарадон центрты æмæ банкты   фæхаст ма руадзынæн.

Францы иуæй-иу горæты  мэр  сæрмагонд «Твиттеры» фарсыл фыссы,  цæмæй демонстранттæ  йæ хæдзармæ   хæдтулгæйыл балæбурдтой.   Зиæнттæ райстой мэры   бинойнаг æмæ хъæбул.

Францы   змæстытæ  æмæ протестон рацыдтæ   лозунгæй  «Рæстад Нахелæн»  уый фæстæ  райдыдтой,    Паризы   æддагсыхы  Нантеры, фæндагон  фæткæвæрд халыны тыххæй  патрулы урæд 17  аздзыд  æвзонгы  пъæлицæйы æхст нæмыг  куы амардта, уый фæстæ райдыдтой.