Финансты министрад – æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны бонæй, Гуырдзыстон æнæхъæнæй æххæст кæны фидаргонд фæтк æмæ арæныл карз мониторинг кæны алы типы таможнæй операцитæ
Æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны бонæй, нæ бæстæ æнæхъæнæй æххæст кæны фидаргонд санкцитæ æмæ арæныл карз контрол кæны алы типы таможнæйы операцитæ? – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны финансты министрады фидиуæны.
Уагдоны фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, абоны онг нæй Гуырдзыстоны æрдгæй æхсæнадæмон санкцитæ фехалыны иунæг факт.
«Гуырдзыстоны финансты министрад дзуапп кæны Гуырдзыстоны æрдгæй æхсæнадæмон санкцитæ сæххæсты процессы фæдыл фæстаг бонты иуæй-иу медиафæрæзты ахæлиугонд радон дезинформаци æмæ ноджы иу хатт категорионæй хъусын кæны, цæмæй æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны бонæй, нæ бæстæ æнæхъæнæй æххæст кæны фидаргонд уагæвæрд æмæ арæныл карз контрол кæны алы типы таможнæй операцитæ.
Фæнысангонд хынцгæйæ, алы уыцы продукци, кæцы санкциты хайадисæг бæстæты æрдгæй хаст уыдис бæрæг номхыгъдмæ, уый нымæцы, сюжеты бавдыст цардуагон электротехникæ, кæцы змæлы Гуырдзыстоны уылты – таможнæйы сæрмагонд контролы дæлбар уыдис æмæ сгæрст цæуы деталонæй. Афтæма, уæлæмхас басгрæрсты дæлбару базайрагы равзæрæны сертификаты алæвæрды цаутæ, цæмæй Гуырдзыстонæй ма спайда кæной архайæг санкциты иуфæрсты æрзилыны фæрæзтæй.
Æххæст бæрнæй хъусын кæнæм, цæмæ абоны онг нæй Гуырдзыстоны æрдгæй æхсæнадæмон санкцитæ фехалыны иунæг факт дæр, кæцы бæлвырд цæуы, уый нымæцы Гуырдзыстоны евроцæдисы æмæ АИШ-ы минæвæртты æрдгæй медиафæрæзтимæ арызт фидиуæнтæй дæр.
Уымæ гæсгæ дæр, кæцыфæнды уæнг, кæцы Гуырдзыстоны æрдгæй санкцитæ фехалыны фæдыл зылынгæнæнтæ айзæлын кæны, хъуамæ бавдисæт æмбæлгæ бæлвырдгæнæнтæ. Науæд та нымад цæуыдзæн, цæмæй уый у барæй архайд – мæнг информаци ахæлиу кæнынæй, бæстæйæн репутацион знаггыд ракæнынæн, кæцы нæ баззайдзæн æнæреакци махы æрдгæй», – банысангонд у финансты министрады фидиуæны.