Финансты министрад – æхсæнадæмон   санкцитæ  сфидар кæныны  бонæй, Гуырдзыстон æнæхъæнæй  æххæст кæны  фидаргонд фæтк  æмæ арæныл карз  мониторинг кæны алы типы таможнæй операцитæ
Финансты министрад – æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны бонæй, Гуырдзыстон æнæхъæнæй æххæст кæны фидаргонд фæтк æмæ арæныл карз мониторинг кæны алы типы таможнæй операцитæ

Æхсæнадæмон  санкцитæ сфидар кæныны  бонæй,   нæ бæстæ  æнæхъæнæй  æххæст кæны   фидаргонд санкцитæ  æмæ арæныл   карз контрол  кæны алы  типы  таможнæйы операцитæ? – уый фæдыл  банысангонд у  Гуырдзыстоны  финансты министрады  фидиуæны.

Уагдоны фидиуæны  куыд у банысангонд афтæмæй,   абоны онг нæй   Гуырдзыстоны æрдгæй  æхсæнадæмон санкцитæ  фехалыны  иунæг факт.

«Гуырдзыстоны финансты министрад дзуапп кæны Гуырдзыстоны æрдгæй  æхсæнадæмон санкцитæ сæххæсты процессы фæдыл  фæстаг бонты   иуæй-иу  медиафæрæзты  ахæлиугонд радон   дезинформаци  æмæ  ноджы иу  хатт  категорионæй   хъусын кæны, цæмæй  æхсæнадæмон санкцитæ сфидар кæныны  бонæй, нæ бæстæ  æнæхъæнæй æххæст кæны  фидаргонд уагæвæрд  æмæ  арæныл   карз  контрол кæны алы типы   таможнæй  операцитæ.

Фæнысангонд хынцгæйæ, алы уыцы  продукци, кæцы   санкциты хайадисæг бæстæты  æрдгæй хаст уыдис  бæрæг номхыгъдмæ,  уый нымæцы, сюжеты  бавдыст   цардуагон  электротехникæ, кæцы  змæлы Гуырдзыстоны  уылты – таможнæйы  сæрмагонд контролы дæлбар уыдис   æмæ сгæрст цæуы  деталонæй.  Афтæма, уæлæмхас басгрæрсты   дæлбару  базайрагы   равзæрæны  сертификаты  алæвæрды цаутæ, цæмæй  Гуырдзыстонæй  ма спайда кæной  архайæг санкциты иуфæрсты  æрзилыны фæрæзтæй.

Æххæст бæрнæй  хъусын кæнæм, цæмæ абоны онг нæй  Гуырдзыстоны æрдгæй  æхсæнадæмон санкцитæ фехалыны  иунæг факт дæр, кæцы бæлвырд цæуы,  уый нымæцы Гуырдзыстоны  евроцæдисы  æмæ АИШ-ы  минæвæртты æрдгæй  медиафæрæзтимæ арызт  фидиуæнтæй дæр.

Уымæ гæсгæ дæр, кæцыфæнды уæнг, кæцы Гуырдзыстоны æрдгæй санкцитæ фехалыны   фæдыл  зылынгæнæнтæ  айзæлын кæны,  хъуамæ    бавдисæт  æмбæлгæ  бæлвырдгæнæнтæ. Науæд та  нымад цæуыдзæн,   цæмæй уый у барæй   архайд – мæнг информаци ахæлиу кæнынæй, бæстæйæн  репутацион знаггыд ракæнынæн, кæцы нæ баззайдзæн  æнæреакци  махы æрдгæй», –  банысангонд у финансты министрады  фидиуæны.