Финансты министрад дзуапп дæтты Украинайы хъахъхъæнынады министрады рагысгарæг уагдоны фидиуæнæн
Финансты министрад дзуапп дæтты Украинайы хъахъхъæнынады министрады рагысгарæг уагдоны фидиуæнæн

Гуырдзыстоны  финансты  министрад  дзуапп дæтты Украинайы хъахъхъæнынады  министрады рагысгарæг куысты  сæйраг  уагдоны æмæ Украинайы  вице-премьеры, Ирина Верещчукы  фидиуæнтæн, цавиттон  Гуырдзыстоны  политикон къухдариуæгад  æрнызас кодта  Уæрæсеимæ, ома Гуырдзыстоны уылты  санкциргонд продуктты  контрабандæйы  хуызæй  бахæссыныл  æмæ хъусын кæны, цæмæй  уый у бынтон æнæаргументиргонд æмæ абсурдон   зылынгæнæн.

«Æхсæнадæмон æмгарадæй Уæрæсейы Федерацийæн санкциты  сфидар кæныны  фыццаг бонæй,  Гуырдзыстон æххæст кæны  тынг карз  контрол, бæстæйы алы  таможнæты пункттыл  æмæ бæстæмæ æрцæугæ  æмæ бæстæйæ ацæуæг  уæзты  æххæст мониторинг кæны.

Гуырдзыстоны  финансты министрад æххæст бæрнæй  хъусын кæны, цæмæй   кæцыфæнды типы  базайраг, куыд æфсæддон, афтæ  дывр нысаниуæгы, афтæма алы уыцы продукци, кæцытæ  хаст сты санкциты номхыгъдмæ, Гуырдзыстоны хицауады  карз контролы дæлбар сты.

Банысан кæнын хъæуы  уый, цæмæй  уый фæдыл деталонæй информиргонд сты нæ  æхсæнадæмон партнертæ иууылдæр.

Гуырдзыстоны фидæны дæр адарддæр кæндзæн ацы  æрдгæй иттгæ карз  контрол æмæ  партнертæн информаци зонын кæндзæн», – банысангонд у финансты министрад фидиуæны.