Европæйы советы президент Шарль Мишель Гуырдзыстоны æхсæнадæмон аэропорты цъус рæстæг размæ æрбадтис. Европаг Советы презижентæн аэропорты йæ размæ рацыдысты, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл.
мæ абон æрцæудзæн. Визиты фæлгæтты Мишель фембæлдзæнис Гуырдзыстоны президент Саловэ Зурабишвилиимæ, премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ æмæ парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ.Шарль Мишель афтæдæр фембæлдзæн политикон партиты минæвæрттимæ.Уымæй уæлдай ма, Европаг Советы президенты абалц кæндзæн оккупацион хаххы цур территоримæ, цæмæй æрзонгæ уа бынатыл уæвæг уавæримæ.
Европаг Советы президент Шарль Мишель официалон фембæлдтæ сом ауадздзæн, бæстæйæ та 2 марты ацæудзæн.
Гуырдзыстонмæ æрцыды размæ, Шарль Мишель уыд Молдовæйы, Гуырдзыстонæй та Украинамæ ацæудзæн.