Европаг Совет – Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æххуыс  йæ фæразондзинад стынг кæныны æмæ уыцы  расидтытæн бахъом уыны, кæцыты раз слæууыд  Уæрæсейы архæйдтыты фæстиуæгæн
Европаг Совет – Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æххуыс йæ фæразондзинад стынг кæныны æмæ уыцы расидтытæн бахъом уыны, кæцыты раз слæууыд Уæрæсейы архæйдтыты фæстиуæгæн

Евроцæдис дарддæр кæны  Гуырдзыстонæн  фарсхæцын – уый фæдыл  банысангонд у   Европаг Советы  саммиты  фыццаг  боны фæстæ  публикацигонд  хатдзæджы.

«Евроцæдис дарддæр кæны  Гуырдзыстонæн фарсхæцын  йæ  уавæр стынг  кæныны  æмæ   уыцы  расидтытæн бахъом уыны  кæцыты  раз Уæрæсейы архæйдтыты  фæстиуæгæн слæууыд  æмæ  кæцытæ йæ  бын  къахынц  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн, афтæма  Украинайы  ныхмæ   Уæрæсейы  агрессивон  хæсты  фæстиуæгæн  сырæзт расидтыты алыг кæныны» –  банысангонд у Европаг Советы  хатдзæджы.

Уыимæ ма  документы  фыст ис, цæмæй Евроцæдис  лæмбынæг  йæ цæст дары  Гуырдзыстоны иудадзыг тыхархаймæ  æмæ  бæстæмæ  приоритетон  реформæты æрдгæй  рахмæцыдмæ  сиды.