Ираклий Гъарибашвили Европаг Советы, Еврокомиссийы, Европарламенты æмæ НАТО-ы  бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон фембæлдтæ  ауадздзæн
Ираклий Гъарибашвили Европаг Советы, Еврокомиссийы, Европарламенты æмæ НАТО-ы бæрзонд æмвæзады дыууæфарсон фембæлдтæ ауадздзæн

Гуырдзыстоны  премьер-министр   Ираклий Гъарибашвили ис  Бельгийы  паддзахады.

Хицауады администрацийы  пресс-куысты  хъусинагæй,   дыууæбонон  визиты фæлгæтты  Гуырдзыстоны хицауады  сæргълæууæг  бæрзонд æмвæзады   фембæлдтæ  ауадздзæн  Европаг Советы, Еврокомиссийы æмæ   европарламенты, афтæдæр НАТО-йы. Фембæлдты  сæйраг  æркæсинаг   фарстатæ  уыдзæн Гуырдзыстоны европаг æмæ  евро-атлантикон   интеграцийы  бонвæтк,  Еврокомиссийы  рафарстимæ  баст фарстатæ, афтæма  регионы   æдасдзинады æрдгæй   уæвæг  уавæр.

Брюсселмæ  Гуырдзыстоны премьер-министримæ  иумæ  абалц кодта  фæсарæн хъуыддæгты   министр Илиа Дарчиашвили, кæцы  фембæлдтæ ауадздзæн   Евроцæдисы  уæнг бæстæты  фæсарæн хуъыддæгты  министртимæ.