Европаг Совет – Сомихыстон-Азербайджаны арæны дæргъмæ цæстдарджытæ рæстæгмæ æрвыст уыдзысты Гуырдзыстоны кусæг миссийæ, мисси мазæлттæ скæндзæн, цæмæй уый ма фæзына Гуырдзыстоны мониторингыл

13:21, 17.10.2022

Европаг Совет, Сомихыстонмæ, Азербайджаны арæны дæргъмæ, Евроцæдисы 40 цæстдарæгы  арввитын фæдыл уынаффæ   рахаста  регионы  уавæры  мониторингы, анализы æмæ  хæгъдлæвæрды  тыххæй.  Фæнысангонд уынаффæ, Совет  6  октябры  Азербайджаны президент Ильхам Алиевы, Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашиняны, Францы  президент Эммануэль Макроны æмæ европаг  Советы президент, Шарль Мшелы  цыппарфарсон фембæлды фæстæ  рахаста.

Советы уынаффæмæ гæсгæйæ, арæны  дæргъмæ  цæстдарджыты æрлæууын кæнынæн йæ нысан у  районы  сабырдзинады æмæ  æдасдзинад сæндидзын кæныны, æууæнк  сфидар кæныны æмæ дыууæ фарсы  æхсæн  æхсæнадæмон арæны  делимитаци.

Евроцæдисы цæстдарджыты  цырдæй æрлæууын кæнынæн,  Европаг Совет  ахицæн кодта, цæмæй Сомихыстон-Азербайджаны  арæны дæргъмæ, цæстдарæг экспертты рæстæгмæ арвита  Гуырдзыстоны кусæг  евроцæдисы цæстдарæг  миссийæ.  Евроцæдисы цæстдарæг  мисси оперативон мадзæлттæ скæндзæн, цæмæй  уый  ма  фæзына  Гуырдзыстоны  миссийы  мониторингы  фадæттыл.

Хуыздæр