Европаг Совет – сидæм Гуырдзыстоны хицауадмæ, дырыс скæнæд сæ фæндæ уæвæг архæйдтыты къурсы ивдæй, кæцы тæссаг у Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ фæндагæн
Европаг Совет серьозон сагъæстæ æвдисы Гуырдзыстоны фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындты тыххæй, сæрмгаондæй та фæсарæйнаг æндæвдады æргъдзинады фæдыл закъон у кандидаты статусы фæдыл комиссийы рекомендцийæ бавдыст къахдзæфтæн, фæстæмæ цыд, – уый фæдыл дзырдæуы Европаг Советы саммиты фæстæ публикацигонд хатдзæджы.
«Евросовет сиды Гуырдзыстоны хицауадмæ, дырыс скæной сæ фæндтæ уæвæг архæйдтыты курсы ивдæй, кæцы тæссаг у Гуырдзыстоны Евроцæдисы æрдæм фæндагæн æмæ расайы уæнгсуæвыны процессы де-факто фæурæд.
Европаг Совет уæм сиды, урæд æрцæуæд рæзгæ тасы æфтауын, æртхъирæн æмæ физикон бырстытæ æмбæстагон дзыллæйы минæвæртты, политикон лидерты, æмбæстагон активистты æмæ жуурналистты ныхмæ Гуырдзыстоны. Уыцы хæзнаты æмæ принциптæн цыт кæнын, кæцытыл бындурæвæрд у Евроцæдис, æнæмæнгхъæугæ у кæцыфæнды бæстæйæн, кæцыты фæнды уæнгсуæвын.
Европаг Совет сиды Гуырзыстоны хицауадмæ, сæнæмæт кæна, цæмæй ацы фæззæджы парламентон æвæрстытæ уа уæгъд æмæ рæстаг æмæ йæ къух саразæд партнерты æрдгæй æвзæрстытæм активон дæргъвæтин æмæ цыбырæмгъуыдон мониторинг. Европаг Совет дарддæр кæны уавæрмæ цæст дарын.
Европаг Совет ноджы иу хатт бæлвырд кæны æнæцудгæ фарсхæцын Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн. Европаг Совет ноджы иу хатт банысан кæны æнæцудгæ солидарондзинад гуырдзиаг адæмимæ æмæ цæттæдзинад, адарддæр кæна æххуыс Европаг фидæны æрдæм фæндагыл»,- банысангонд у Европаг Советы саммиты фæстæ публикацигонд хатдзæджы.