Европаг Совет Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстонæн уæнгдзинады фæдыл куырдиæтты фарстамæ æрыздæхдзæни июны фембæлдыл
Европæйаг Совет йæ зæрдыл дары Украинайы, афтæма Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл куырдиæттыл Еврокомиссийыхатдзæгыл куыст æмæ ацы фарстамæ æрыздæхдзæни июны фембæлдыл, – уый фæдыл дзырдæуы европаг советы рабадты фæстæ публикацигонд хатдзæггæнæн фидиуæны.
«Европаг Совет тызмæг фауы Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессийы хæст. Сидæм Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ ныууадзæт уæлдай йын цы нæу ахæм бырстытæ æмбæстæгтæм æмæ æмбæстагон инфраструктурæмæ, æнæаргъæвгæйæ æмæ æнæуæлдайныхасæй ракæнæд йæ æфсæддон хайадтæ æмæ хотыхтæ Украинайы æппæт территорийæ, æхсæнадæмонæй нымад арæнтæм гæсгæйæ», – дзырдæуы фидиуæны.
Европаг Совет разы у æмæ æххуысы ныфс æвæры тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны прокурроры куыстæн æфсæддон фыдракæндты фæд равзарынæн æмæ райы иумæйаг фæдагурæг балтæ скæныны фæдыл уынаффæйæ, кæцыйæн координаци кæндзæн «Евроджаст».
«Уæрæсе, Белорус æмæ алы бæрнон уæнг йæ архæйдтытæй дзуаппмæ лæвæрды уыдзысты æхсæнадæмон барадмæ æмбæлгæйæ», – банысангонд у фидиуæны.
Европаг Совет æвдисы цæттæдзинад, стыхджын кæна Уæрæсе æмæ Белорусыл æлхъывд, цæмæй Украинайы ныхмæ Уæрæсейы хæст баурома. Европаг Совет сиды алы бæстæмæ, баиу уæд Евроцæдисы санкцитæм.
«Санкциты иуфæрсты ацыды кæнæ Уæрæсейæн æндæр фадæттæй баххуысы цыфæнды архайд цæхгæрон схафын хъæуы», – дзырдæуы советы фидиуæны.
Хатддзæгæнæн фидиуæны афтæдæр дзырд ис санкциты æхсæзæм пакетыл, кæцы Уæрæсейæ хом нефты æмæ нефтпродукцийы импортыл тобæ дары йæ хъуыдыйы, хæтæлвæдæй лæвæрд нефты та рæстæгмæ уæлвæткыл ныууадздæн.
Европаг Совет афтæдæр Украианйы финансон æмæ гуманитарон æххуысы фæдыл банысан кодта ома цæттæ у Украинайæн ног макрофинансон æххуысы хуызæй 9 миллиард Евро рауæлдай кæны 2022 азы.