Европаг Совет – Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æххуыс йæ фæразондзинад стынг кæныны æмæ уыцы расидтытæн бахъом уыны, кæцыты раз слæууыд Уæрæсейы архæйдтыты фæстиуæгæн
Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн фарсхæцын – уый фæдыл банысангонд у Европаг Советы саммиты фыццаг боны фæстæ публикацигонд хатдзæджы.
«Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн фарсхæцын йæ уавæр стынг кæныны æмæ уыцы расидтытæн бахъом уыны кæцыты раз Уæрæсейы архæйдтыты фæстиуæгæн слæууыд æмæ кæцытæ йæ бын къахынц Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, афтæма Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессивон хæсты фæстиуæгæн сырæзт расидтыты алыг кæныны» – банысангонд у Европаг Советы хатдзæджы.
Уыимæ ма документы фыст ис, цæмæй Евроцæдис лæмбынæг йæ цæст дары Гуырдзыстоны иудадзыг тыхархаймæ æмæ бæстæмæ приоритетон реформæты æрдгæй рахмæцыдмæ сиды.