Евронесты парламентон ассамблей нæзагъд ракодта оппозицийы æркуырдыл, кæронбæттæн резолюцийы сырæзтаит ныффыст Гуырдзыстоны политикъон кризисы æмæ политахæстты фæдыл
«Националон Змæлд» æмæ «Европаг Гуырдзыстон» куырдтой, Евронесты парламентон ассамблейы кæронбæттæн резолюцийы сырæзтаит ныффыст Гуырдзыстоны политикъон кризисы æмæ политахæстты уæвыны фæдыл. Гуырдызстоны Фыццаг Къаналы журналист куыд хъусын кæны, афтæмæй, фæнысангонд ныффыст хъæлæсты фылдæры хайæ резолюцимæ хаст не рцыд.
Евронесты минæвары Начо Амор Санчесы дзырдæй, зæгъгæ ай у бæстæйы мидæгон полиикъæйы фарстатæ æмæ Евронесты касты боны фæткы нæ лæууы.
«Мидæгон политикъæйы фарста у æмæ уымæ гæсгæ уынаффæ махæн нæ уыдзæн. Резолюцийы æвзарæнон фарстатæм гæсгæ, хъуамæ бацагуырдæуа политикъон тыхты æхсæн консессус», – банысан кодта Начо Амор Санчес.