Лиетувæйы Сейм райста резолюци, кæцыйы Гуырдзыстоны хицауадмæ сиды, «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закхон фæстæмæ ахонынмæ
Лиетувæйы Сейм райста резолюци, кæцыйы Гуырдзыстоны хицауадмæ сиды «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон фæстæмæ ахæсса. Документы текст социалон хызæгты публикаци скодта Лиетувæйы æддæ ахастыты комитеты сæрдар Жигимантас Павильонис.
Резолюцийы мидæг лиетувæйаг депутаттæ сагъæстæ æвдисынц Гуырдзыстоны парламент «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закон кæй райста, уый тыххæй. Сæ дзырдæй, зæгъгæ закъон у æнæхицауадон организациты æмæ æмбæстагон дзыллæйы куыст арæн скæнынæн æмæ бындуронæй, Уæрæсейы Федерацийы райсгæ «фæсарæйнаг агентты фæдыл» законы эквивалентон у. Лиетувæйы депутатты дзырдæй, Гуырдзыстоны ист закъон не мбæлы европаг хæзнатæм æмæ демократон прициптæм.
Документы æвдыст у хъыгдзинад, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады къахдзæфтæ нæ фидауынц Гуырдыстоны æмбæстæгты тырнынадтимæ æмæ Гуырдызстоны бавдыст нысæнттимæ, бæстæ бауа Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнг. Афтæма сæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауады архæйдтытæ, гæнæн ис серьозон дæргъæтин фæсиуджытæ расайа Гуырдзыстоны геополитикон ориентациы æмæ демократийæн.
Резлюцийы лиетувæйаг депутаттæ фарсдарын æвдисынц гуыдзиаг адæмæн, кæцы хъахъхъæны сæрмагонд хъуыдыйы равдысты сæрибардзинад æмæ Гуырдзыстоны европаг фидæн. Документы тызмæг фауд æрцыд сабыр демонстрантты æмæ журналистты ныхмæ тыхмидзинад, афтæма, хахуыргæнæгон, тасы æфтауæг организацигонд кампани æмæ æмбæстагон дзыллæйы минæвæртты ныхмæ тыхмидзинад.
Лиетувæйаг депутаттæ сидынц Гуырдзыстоны парламентмæ фæстæмæ ахона «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъон, сифтонг кæна æмбырды æмæ дзырды сæрибардзинад, стынг кæна æмбæстагон дзыллæ, бацæуа уыимæ диалогмæ æмæ бахъахъхъæнæд конструктивон хæсистытæ, кæцытæ йæ хъуыдыйы дарынц Евроцæдисы æмæ НАТО-мæ интеграци æмæ хъæугæ реформæты стынг кæныын. Уыимæ Лиетувæйы Сеймы уæнгтæ сидынц, Еврцæдисы институттæм æркæсой дзуаппон къахдзæфты саразыны æвæццæгæнад, кæд Гуырдзыстоны хицауад ахиздзæн президент Саломэ Зурабишвилйиы æвæрд ветойы сæрты, адарддæр кæндзæн законы имплементаци æмæ æмбæстагон дзыллæйы сурын.