Мамука Мдинарадзе -  зæгъæт нын уæддæр радикалон оппозици, цы сын  хæс кæнынц, чи хæс кæны, цавæр хицæуттæ сын ис ахæм, æмæ европаг резолюцитыл днæ нæ хæссынйц  сæ ныфс  сæ  къух бафыссын
Мамука Мдинарадзе - зæгъæт нын уæддæр радикалон оппозици, цы сын хæс кæнынц, чи хæс кæны, цавæр хицæуттæ сын ис ахæм, æмæ европаг резолюцитыл днæ нæ хæссынйц сæ ныфс сæ къух бафыссын

Уый нын уæддæр зæгъæт   ракдикалон оппозици,  чи сын цы хæслæвæрдтæ  дæтты,  чи сын хæс кæны,  цавæр  хицæуттæ сын ис  ахæм, æмæ европаг   резолюцийыл  дæр нæ  хæссынц  сæ ныфс  сæ къух бафыссын, – уый фæдыл   парламентон  фылдæрты лидер   Мамука Мдинарадзе   райхъусын кодта.

Мамука Мдинарадзе   куыд банысан кодта  афтæмæй,  Евронесты  парламентон ассамблей Гуырдзыстоны делегацийы къухдариуæггæнæг  Мака Бочъоришвилийы  инициативæйæ   бакуыстæуыд  сæрмагонд резолюцийы проект  Гуырдзыстоны, Молдовæйы æмæ Украинайы   Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæдыл, кæцыйæн йæ нысан уыд  Евронесты  парламентон ассамблейы   платформæйæ спайда кæнын Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвыны  фарстайæн фарсрахæцынæн   европарламенты  æрдгæй.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ проекты хаххгонд у  æртæдæр бæстæйы  Евроцæдисы   уæнгсуæвыны нысаниуæг æмæ процессы  афоныл ауадзынæн,  уый нымæцы  Евроцæдисы  уæнгдзинады фæдыл бадзырдтæ райдайыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Мдинарадзейы дзырдæй,  зæгъгæ «нæкæсгæ  оппозицийы  деструктивон архайдмæ бæстæйы мидæгæй  æви фæсарæнты   уый  уыдис ноджы иу фадат,  æхсæнадæмон   партнертæн равдыстаиккам   евроцæдисы  уæнгсуæвыны  фарстайыл  иугонд позици,  нæкæсгæ  нæ  ахæм быцæудзинадмæ, кæцы бæрæг куыд у афтæмæй,   гуырдзиаг радикалон оппозицийы  нысæнтты  нымæцы нæй  æмæ уый хъуамæ зона  куыд  гуырдзиаг, афтæ  æхсæнадæмон дзыллæ».