Евронесты парламентон ассамблей нæзагъд ракодта оппозицийы æркуырдыл, кæронбæттæн резолюцийы сырæзтаит ныффыст Гуырдзыстоны политикъон кризисы æмæ политахæстты фæдыл

19:33, 09.12.2019

«Националон Змæлд» æмæ  «Европаг Гуырдзыстон»  куырдтой,  Евронесты  парламентон  ассамблейы  кæронбæттæн   резолюцийы   сырæзтаит ныффыст  Гуырдзыстоны  политикъон кризисы  æмæ  политахæстты  уæвыны   фæдыл.   Гуырдызстоны Фыццаг Къаналы   журналист куыд  хъусын кæны,  афтæмæй,    фæнысангонд ныффыст  хъæлæсты фылдæры хайæ резолюцимæ хаст не рцыд.

Евронесты  минæвары  Начо Амор Санчесы  дзырдæй,  зæгъгæ  ай у  бæстæйы  мидæгон полиикъæйы  фарстатæ  æмæ  Евронесты  касты  боны  фæткы  нæ  лæууы.

«Мидæгон политикъæйы  фарста у  æмæ  уымæ гæсгæ   уынаффæ  махæн нæ уыдзæн.  Резолюцийы  æвзарæнон фарстатæм гæсгæ,  хъуамæ  бацагуырдæуа политикъон тыхты  æхсæн  консессус», –  банысан кодта  Начо Амор Санчес.

 

Хуыздæр