Дзюдо  |  Илиа Суламанидзе Бакуйы Гранд Слемы фæдфæдыл дыккаг хатт рамбылдта #1TVSPORT
Дзюдо | Илиа Суламанидзе Бакуйы Гранд Слемы фæдфæдыл дыккаг хатт рамбылдта #1TVSPORT

Бакуйы  цæугæ  дзюдойы   Гранд  Слемы   хатдзæгон бон Илиа Суламанидзе (100кг)  сыгъзæрин майдан рамбылдта æмæ   нæ балæн ерысы дыккаг боны дыккаг  майдан æрхаста.

Гуырзиаг  финалы  польшайаг Пиотр Кучерайы 47  сикундмæ абырста æмæ  Бакуйы  Гранд Слем  фæдфæдыл  дыккаг  хатт рамбылдта.

Турнирыл  абон   рацæуæг   æхсæз   гуырдзиаг – Гурам Тушишвили, Шалва Гурешидзе (дыууæдæр +100кг) Бакар  Ерашвили, Акакий Джапаридзе (дыууæдæр – 90кг),  Онисе Санеблидзе (100 кг) æмæ Сопио Сомхишвили (+78кг) ерысæй  аиртæстысты.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  16 февралы  Этер Липартелиани (57 кг) бронзæ майдан рамбылдта.

2023 азы  Гуырдзыстоны æмбырдгонд  Бакуйы  17 дзюдоистимæ рацыд ерысмæ.  Илиа Суламанидзе(100кг) чемпион ссис, Гурам  Тушишвили  (+100 кг) æмæ Этер Липартелиани  (57кг)  та  æвзист майдантæ рамбылдтой.