Ираклий Къобахидзе дзюдойæ Европæйы чемпионаты плантыл, кæцыйæн Тбилис фидæн аз сфысым кæндзæн, Европæйы дзюдойы цæдисы президентимæ баныхас кодта
Гуырдзыстон 2026-æм азы дзюдойæ Европæйы чемпионат сфысым кæндзæн.
Турниримæ баст детæлттыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе Европæйы дзюдойы цæдисы президент Ласло Тотимæ фембæлдыл фæныхас кодта.
Премьер-министр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æппæт максималонæй сараздзæн Европæйы дзюдойы цæдисимæ æмкуыстдзинад ноджы рæзын кæнынæн æмæ Европæйы чемпионат дзюдойæ уагъд цæуа бæрзонд æмвæзадыл.
Гуырдзыстоны 2026 азы дзюдойæ Европæйы чемпионат ауадзыны фæдыл бадзырд абон бафыстæуыд. Документыл къухтæ æрфыстой спорты министр, Шалва Гоголадзе, Европæйы дзюдойы цæдисы президент Ласло Тот æмæ дзюдойы федерацийы президент Леван Нозадзе.
Бирæ зындгонд европæйаг дзюдоисттæ стох кæндзысты континенталон чемпионаты, кæцы фидæн азы 23-26 апрелы уагъд æрцæудзæн Тбилисы.
Информаци Гуырдзыстоны хицауады администраци парахат кæны.