Дзюдо | Лаша Шавдатуашвили Европæйы чемпион дыккаг хатт ссис #1TVSPORT
Тбилисы цæугæ Европæйы чемпионат 73 кг уæзы категорийы Шавдатуашвили Лаша рамбылдта. Уый финалы фæуæлахиз азербайджайнаг Хидаят Гейдаровыл æмæ дыккаг хатт ссис Европæйы чемпион.
Финалты куыд вæййы, афтæ фембæлд уыд тынг æндыгъд æмæ бацыд уæлæмхас рæстæгмæ. Дзюдоисттæ хæцыдысты 10 минуты, фæлæ сæ дыууæйæн дæр нæ бантыст баллтæ æрæмбырд кæнын. Шавдатуашвили Лаша йæ ныхмæлæууæджы æртæ хатт бафæдзæхсын кодта æмæ сыгъзæрин майдан рамбылдта.
Йæ æнтыстыты ранымады ныридæгæн ис (2) Олимпаг, Дунейы æмæ Европæйы чемпионаты сыгъзæрин майдантæ.